Туаты Аринæ у уырыссаг æвзаг фæсарæйнаджы хуызы амоныны рæзты программæйы архайæг. Йæ документтæ “Уырыссаг æвзаджы магистрты” конкурсмæ балæвæрдта майы. Дарддæр ма чызг онлайн хуызы тест ацыд.
Уый фæрцы офлайн æвзæрстытæм бахауд, уыдон уыдысты Мæскуыйы паддзахадон университеты. Æрбамбырд кодтой 72 архайæджы æгас Уæрæсейæ, 35 сæ ахызтысты дарддæры къæпхæнмæ. Се ‘хсæн Туаты Аринæ дæр. Ныр “Уырыссаг æвзаджы магистрты” программæйы финалисткæ у. Домæнтæм гæсгæ, хъуамæ фæсарæнты 3 скъола æмæ 1 университеты бакусай, цæмæй ахадгæ æвæрæн бахæссай уырыссаг æвзаджы рæзтмæ фæсарæнты.
Программæйы фæрцы зонындзинæдтæ фæфылдæр вæййынц, уымæй уæлдай уырыссаг æвзаг дунейы бæстæты парахат кæны — Сомих, Кыргызстан, Китай, Турк, Инди, Монголи, Замби, Мысыр æмæ Шри-Ланкайы. Аринæйæн фæзынд гæнæн стажировкæ Сомихы ацæуынæн, сахар ВанадзОры. Йæ ахуыргæнинæгтæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты.
Чызг дарддæр кусдзæн йæ профессионалон рæзтыл. Цы зонындзинæдтæ райста, уыдонæй та пайда кæндзæн фидæны проектты æмæ, æнæмæнг, ахуыргæнæджы куысты.
















