Турцимæ гуманитарон æххуыс цы уæзласæн хæдтулгæтæ ласынц, уыдон мæйы дæргъы арæны сæрты хиздзысты фыццаградон фæткмæ гæсгæ. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта регионы разамонæг Сергей Меняйло.
Ахæм æххуыс стыр ахъаз у, зæххæнкъуысты рæстæг хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн. Уæвгæ, фæндаггон змæлды центры сайты туркаг хæдтулгæтæн бацæттæ кодтой сæрмагонд рад. Шофыртæн онлайн хуызы сæ бон уыдзæн бæрæг кæнын фæндаджы уавæр. Уым æппæт информаци тæлмацгонд у туркаг æвзагмæ. Цæмæй арæны сæрты тагъддæр ахизой, ууыл архайынц таможнæйы дæр.
















