Цæгат Ирыстон федералон бюджетæй æххуысы хуызы райсдзæн цыппæрдæс æмæ æрдæг миллиард сомæй фылдæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой Парламенты Советы æмбырды.
Республикæйы æфтиæгтæ уыдзысты фæндзай дыууæ миллиарды сæдæ æхсай æхсæз милуан сомы, хæрдзтæ та иу миллиард сæдæ цыппор æхсæз милуаны фылдæр.
Депутаттæ æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Регионы ис æрдзон æвæрæнтæй æвдай дыууæ пайдагæнæджы, уыдонæй дæс – дарынц хæс хъалонтæй.
Ныхас ма цыд “Раззагдæрты змæлд”-ы регионалон хайады куыстыл дæр. Ныртæккæ дзы ис æстай æхсæз мин архайæджы онг.
















