Бæгæны цæттæ кæнгæйæ хъæуы традицион рецепт æххæст кæнын. Сыгъдон скæнынæй хуымæллæг æмæ сæкæр ныккæныны онг алы къæпхæн дæр ахсджиаг у. Уый фæстæ цæттæ бæгæны хъæуы цалдæр боны бадарын.
Ирон бæгæныйы фестиваль Хæххон металлургон институты аразынц 30 азы, химион кафедрæйы равзæрдæй фæстæмæ. Техникон дæсныйæдты фыццаг курсонтæн ацы мадзал ерысæй уæлдай у хорз фадат бæлвырддæр базонгæ кæнын нæ фыдæлты рагон æгъдæуттимæ.
Тадеты Зауырбег бацæттæ кодта бæгæныйы хуыз “Дыгуры сыгъзæрин”, зæгъгæ. Фыхта йæ йæ нанайы рецептмæ гæсгæ. Кæд æмæ йын фыццаг хатт нæ рауад, уæддæр æм ерысы архайын фæкаст цымыдисаг. Лæппу æрбамбырд кодта йæ иузæрдион хæлæртты. Фондзæй архайдтой мадзалмæ цæттæгæнæн куыстытыл, иннæ тæ та бæгæны фыхтой.
Бæгæныйæн аргъ кæнын – бирæвæрсыг куыст у. Фыццаджыдæр жюрийы уæнгтæ кæсынц нозты хуыз, ад æмæ æндæр æууæлтæм. Хицæн критеритæм гæсгæ сæвæрынц 1 – 5 баллмæ. Фылдæр бæрæггæнæнтæ чи райста, уый фæуæлахиз уыдзæн.
Хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг бынат æмæ æхцайы фæрæзтæй хорзæхджынгонд æрцыд æхсæзæм хуызæг – “Традиции предков”. Дыккаг бынат – æвзист- адих кодтой дыууæ архайæджы: «Уды хос» æмæ «Солнечная долинæ». Бронзæ райста “Сæрмæт”.
Фестивалы æппæт архайджытæ, æнæмæнг, рамбылдтой. Райстой стыр фæлтæрддзинад æмæ фадат сæ арæхстдзинад равдисынæн. Дзурæг у фæсивæд фыдæлты æгъдæуттæн аргъ кæй кæнынц æмæ национ культурæйы райрæзтыл.
















