preloader
сейчас в эфире
06:32
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
Смотрите Далее
06:45
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
close

Тускъаты Таймуразы разамындæй Дыгуры районы уыд парламенты советы æмбырд

12.09.2025 17:25

Ахæм хуызы архайд сси традицион, æмткæй пайда у алы къабазы райрæзтæн дæр.

Дигорайы нырыккон æмæ æппæтæй æххæст спортивон комплекс. Кусы дзы 7 секцийы. 800 адæймагæй фылдæр бынаты архайынц хъæбысхæстæй, волейболæй, гимнастикæйæ æмæ уæззау атлетикæйæ. Æвзонг Аня парламентаритæн æвдисы йæ арæхстдзинадд штангæимæ.

Комплекс байгом 7 азы размæ. Уыцы æмгъуыдмæ дзы схъомыл кодтой дæсгай ерысты чемпионты. Æмæ уый диссаг нæу, уымæн æмæ сæ тренертæ сты профессионалон спортсментæ. Уæвгæ та, ахæм уавæртимæ æнтыстдзинæдтæм тырнын æхсызгон у.
Ам егъау турниртæ скæнынц æппæт дисциплинæтæй. Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта ахуыртæ. Спикеры бæстондæр базонын бафæндыд æвзонг футболистты цæттæдзинадмæ.

Дзырдæн, районы разамынд канд спорты рæзтмæ не здахы йе ргом. Ахсджиаг бынаты ис хъæууон хæдзарады къабаз. Депутаттæ дарддæр цы объект бабæрæг кодтой, уый та ирд æвдисæн у паддзахадон æххуысы мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæн. Адджын гагадыргъты цыппар гектары. Æрмæст августы райдианæй ам æрæмбырд кодтой мæнæргъыйы 2 мин тоннæйæ фылдæр. Голубикæйы фыццаг тыллæгмæ та æнхъæлмæ кæсынц фидæны аз. Талатæ садзын райдыдтой фарон уалдзæджы. Уæдаты Мæирбег спайда кодта хъæууон хæдзарады министрады грантæй 12 млн соммæ ‘ввахсæн. Ноджы ма иу уый бæрц амалхъом райсдзæн ацы аз. Ам ма фæнд кæнынц фæткъуы æмæ бал зайын кæнын. Уыимæ ног хуызмæ гæсгæ.

Паддзахадон æххуыс æмæ æмткæй бизнесы парахат кæныныл Парламенты спикер дзырдта районы амалхъом адæмимæ. Сæйраг темæтæй иу сси боныхъæды уавæртæ. Фæстаг цалдæр азы фермертæ бирæ тыллæг сафынц хусрæстæджы аххосæй. Фæнысан кодтой астæуккаг æмæ чысыл амалхъомады æндæр фарстатæ дæр.

Парламенты советы æмбырды бæстон ныхас цыд районы социалон-экономикон райрæзтыл. Ивгъуыд аз Дигорайы кæронмæ æрхæццæ дондзæуæн хызæгты рацарæзт, сарæзтой дзы сквер æмæ культурон райрæзты центр. Ныртæккæ дзы бындуронæй цалцæг кæнынц сывæллæтты рæвдауæндон, Дур-Дуры та скъола. Куыстытæ фæуынвæнд кæнынц ацы азы кæронмæ. Сног кæнынмæ хъæуы къорд ахуырадон кусæндæттæ. Тускъаты Таймураз бахæс кодта мониторинг скæнын æмæ раиртасын цалцæггæнинаг объекттæ.

Депутатты размæ ма ноджы иу хæс – æппæт æнæзакъон бырондæттæ аиуварс кæнын. Ныртæккæ районы ахæм бынæттæ бирæ ис. Парламенты уæнгтæ ма се ‘ргом аздæхтой сидзæр æмæ æнæ ныййарджыты æвджид чи баззад, уыдонмæ. Уæлдайдæр та сын сæ бартæм цæрæн бынат райсыны фæдыл. Абон ахæм гæнæн ис 133 адæймагæн. Раст зæгъгæйæ, ацы къабазы архайд сабыргай цæуы. Ивгъуыд аз ахæм барæй спайда кодта æрмæст районы иу цæрæг.

Парламенты советы æмбырд алы районы дæр ацæуы æппынкъаддæр афæдз иу хатт. Ахæм хуызы архайд сси традицион, æмткæй пайда у алы къабазы райрæзтæн дæр. Уымæн æмæ бынаты раиртасæн æмæ аиуварс кæнæн ис алыхуызон фарстатæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Все рекомендуемое