Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты цотæн лагерьтæм балцæгтæ дæтдзысты лæвар. Æнахъом сывæллæтты улæфт, дзæбæхкæнынад æмæ куыстифтонгдзинады бындуры тыххæй Цæгат Ирыстоны закъоны проект депутаттæ хорзыл банымадтой фыццаг æркасты. Уæлбартæ æххæсдзысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы æфсæддонтæ æмæ бархионты сывæллæттыл дæр. Хъуыддагыл ныхас цыд республикæйы Парламенты Советы æмбырды.
Сидзæр сывæллæттæн та баххуыс кæндзысты сæ ипотекæ бафидын. Закъоныпроектмæ æркæсыны хъæппæрис бахаста регионы разамонæг Сергей Меняйло. Парламентаритæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй бирæ национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæн ацы аз у фæстаг. Уый фæдыл сæ æххæсткæнынадмæ цæст дарын ахсджиаг у. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз ма куыд загъта, афтæмæй республикон бюджеты анализы рæстæг хъæуы агурын резерв æмæ цыбыр рæстæгмæ сбæлвырд кæнын, пайдаимæ йæ куыд ис схардз кæнæн, уый.
Æргом аздæхтой райдайæг амалхъомтæн гранттæ дæттыны домæнты анализы хатдзæгтæм дæр. Куыст цæуы конкурсон бындурыл. Грантисджыты уавæртæ хъуамæ нысангонд уой бæлвырдæй, загъта Тускъаты Таймураз.
















