Абон студенттæм ахуыр кæныны равг æппындæр нæй. Аудиториты бадгæйæ сæ зæрдæ ардæм æхсайдта – университеты кæртмæ. Цалдæр сахатмæ сæ сесси дæр айрох. Раарфæ кæнынмæ сæм æрбацыд Сергей Меняйло. Республикæйы сæргълæууæджы зæрдæ сын загъта æнтыстджын бæрæггæнæнтæ фæлварæнты рæстæг æмæ царды дæр.
18 алыхуызон фæзуаты, се ‘хсæн спортивон, зонадон, хи ирхæфсæнтæ. Зæрдæмæдзæугæ дзы æнæ ссаргæ нæй. Æрмхæст, фат æмæ æрдынæй æхстытæ, цыргъзондæры бæрæггæнæг хæслæвæрдтæ. Фæсивæд ерыс кодтой буары æмæ зонды тых равдисынæй дæр. Æнæ ирд æнкъарнтæй сæ иу дæр нæ баззад.
Хæринæгты фæзуаимæ алчидæр æрбафысым кодта. Сæумæрайсомæй фæстæмæ бынаты кæнынц чъиритæ, лауызтæ. Чи сæ ацаходы, уымæн адджын дон æмæ адджинæгтæ авæрынц. Бæрæгбоны архайынц хистæр кълæсты ахуырдзаутæ дæр. Университеты цард уадз фидæны студенттæ дæр феной.
Бæрæгбоны æмгъуыд – райсомæй изæрмæ. Алы хæслæвæрдты архайды тыххæй фæсивæд исынц бæрæггæнæнтæ. Уыдон ис лæвæрттыл баивæн.
Студенты бонмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты алы хатт дæр егъау бæрæгбон бацæттæ кæнынц. Хъæлдзæг æнкъарæнтæ æмæ ног хæлæрттæ ам алчидæр ссары.
















