Æрæфы районы хъæу – Уæхъæц – хъуамæ цыбыр рæстæджы æмгъуыдмæ бахæссой историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хъæуты хыгъдмæ. Ахæм уынаффæ рахастой хицауады радон æмбырды. Цæгат Ирыстоны культурон хæзнатæй пайда кæныны æмæ хъахъхъæныны комитетæн бахæс кодтой проекты сæрмагонд гæххæтттыл бакусын. Уый фæдыл ацы аз хъуамæ рахай кæной уæлæмхасæн фæрæзтæ 2 милуан сомæй фылдæр.
Ацы хъæуы 8 хæдзары йеддæмæ нæй. Цæрынц дзы нымад бинонтæй. Уыдон дæр хистæр кары адæм. Ныртæккæ кæнынц фосы куыст. Кæд дзы фадæттæ нæй, уæддæр дзы алчидæр архайы, цæмæй хъæу размæ цæуа, æмæ адæм горæтмæ ма лидзой. Уæхъæцы хъæуы хицау – Дзагкойты Феликс куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæнды, цæмæй хъæуы цæрджытæн хъуыздæр уавæртæ фæзына.
Кæддæр Уæхъæцы уыди 80 хæдзарæй фылдæр. Бындур кæд æвæрд æрцыд ацы хъæуæн, уый бæрæг нæу. Фæлæ амы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, Уæхъæц фæзынди алайнаг дуджы. Ацы бынæттæм бакæсгæйæ зыны, кæддæр ам цард размæ кæй цыди, уый. Адæм къæлхозты фæллой кодтой. Ныртæккæ та ма дзы цалдæр адæймаджы ис.
Хъæуы хицау нын куыд радзырдта, афтæмæй кæд Уæхъæцы бирæ цæрджытæ нал ис, уæддæр арæх ардæм æрцæуынц горæтæй. Уыдон сæрды сæ фæллад уадзынц ам. Уæдæ дзы туристтæ дæр вæййы. Æрæджы та рацыдис уынаффæ, зæгъгæ, Уæхъæц хъуамæ бахауа культурон ахадындзинад цы объекттæн ис, уыдоны хыгъдмæ. Фыццаг объект: Тугъанты мæсыг. Хъуамæ тагъд рæстæджы реставрацигонд æрцæуа.
Дыккаг объект: дыууæуæладзыгон æмæ зæххы бын чи ис, ахæм зæппæдзтæ. Уыдон иууылдæр сты Уæхъæцы.
Хъæуы хицау куыд бафиппайдта, афтæмæй Уæхъæцæй уæдлай ма ис æндæр рæтты дæр, культурон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объекттæ. Сæ иу – Фæрæскъæтты Рухс дзуар. Афтæ йæ хонынц хъæуы цæрджытæ. Дзагкойты Феликсы ныхæстæм гæсгæ, уый дæр ног аз реставрацигонд цæуы.
Сæрмагонд проект æххæстгонд цæмæй æрцæуа, уый тыххæй ацы аз хъуамæ рахай кæной 2 милуан æмæ сæдæ мин сомы. Культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ хъахъхъæнын æмæ пайдакæныны комитеты куыд бамбарын кодой, афтæмæй ныртæккæ кусынц бардæттæн гæххæттытæ сфидар кæныныл æмæ хъуыдаг бæстонæй банывыл кæныныл.
Къутæрты Аидæ
















