Уæлахизы боны агъоммæ Дзæуджыхъæуы уынгты фенæн уыдзæн бæрæгбоны кинотрамвай «Победа», зæгъгæ. Æддæрдыгæй вагон ахуырст у уæлахизы тематикæмæ гæсгæ, уæдæ мидæгæй та фенæн уыдзæн алкæмæн дæр зонгæ æмæ уарзон хæстон кинонывтæ.
Цæрджытæ æмæ уазджыты æрвылбон ласдзысты лæвар 4-æй 14-æм маймæ. Трамвай йæ фæндаг райдайдзæн Уæлахизы Фæзы æрлæууæнæй. Балцы дæргъ — сахат æмæ ‘рдæг. Уый фæстæ цæрджытæ фæстæмæ сæмбæлдзысты æрлæууæнмæ.
















