Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы цалцæггæнæн куыстытыл федералон бюджетæй бахардз кæндзысты 2 миллиард сомы. Куыстытæ райдайдзысты 2021 азы. Проектмæ гæсгæ фæфылдæр кæндзысты фæндаджы уадздзӕгтӕ æмæ уæзласæн хæдтулгæтæн æрлæууæн бынæттæ. Уый фæдыл Уæллаг Ларсы абон ацыд сæрмагонд æмбырд.
Хæдтулгæты цæндтæ Уæллаг Ларсы арæх сæмбырд вæййынц. Шофыртæ уый аххосæй баййафынц бирæ фыдæбон.
Уавæр райдайдзæн ивын 2021 азы. Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы цалцæггæнæн куыстытыл федералон бюджетæй бахардз кæндзысты 2 миллиард сомы. Уый фæдыл ныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы профилон ведомствæтæ: Уæрæсейы транспорты министрад, таможнæйы кусджытæ æмæ «Русгидро»-йы цæгатирыстойнаг филиал.
Проектмæ гæсгæ фæфылдæр кæндзысты фæндаджы уадздзӕгтӕ æмæ уæзласæн хæдтулгæтæн æрлæууæн бынæттæ.
Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй цалцæггæнæн куыстытæ уадзæн пункты куыст нæ бахъыгдардзысты.
Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, æнæмæнгæй, хъæуы саразын оперативон штаб. Архайдзысты дзы, ацы хъуыддагмæ куыд фæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм.
Уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы рацарæзты фарстайыл федералон æмвæзадыл бирæ хатт дзырдта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. 2018 азы фарста систа Цæгат Кавказы Федералон зылды социалон-экономикон райрæзты фарстаты фæдыл хицауады къамисы æмбырды. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фарста у тынг ахсджиаг.
Куыстытæ цæудзысты 2 къæпхæнмæ гæсгæ. Йӕ фыццаг райдайдзæн 2021 азы февралы. Æдæппæттæй та куыстытӕ хъуамæ фæуой 2022 азы, августы.
Пелиты Сабинæ
















