Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дарддæр æххæст кæнынц æнæнхъæлæджы уавæры фæтк. Снысан æй кодтой 16 декабры, митуарды аххосæй. Абон Арвыкомы фæндаг автобустæ æмæ рог хæдтулгæты цыдæн байгом.
Уæлдæф хохы бирæ уазалдæр у быдырæй. Арвыкомы фæндаг Дайраны комыл цæуы. Ам дымгæ сæрдыгон дæр сонт у, фæлæ йын арæны сæрты ахизынмæ чи лæууы, уыдон быхсынц. Æндæр гæнæн сын нæй. Сæ фылдæр Гуырдзыстонмæ фыццаг хатт нæ цæуынц æмæ ацы уавæртыл сахуыр сты.
Арвыкомы фæндаг транспорты æппæт хуыздæн æхгæд уыд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй. Стыр хохы фалейæ боныхъæд нырма æвзæр у. Арæныл ахизынмæ æнхъæлмæ кæсынц мин æмæ æрдæг хæдтулгæйы. Рæстæг куыд цæуы, афтæ бæлццæттæн быхсын зынæй-зындæр у.
Арвыком фæндагыл цæуын райдыдтой рог хæдтулгæтæ æмæ автобустæ. Шофыртæ сæ машинæтæй къахдзæф дæр нæ кæнынц, тæрсынц сæ рад фæцух кæнынæй. Арæн та кæд сæхгæдзысты, уый бæрæг нæу. Боныхъæд æппынæдзух раив-баив кæны. Цалдæр боны размæ ам бахъуыд æнæнхъæлæджы уавæры фæтк æрæвæрын. Бынаты рад хæссынц тагъд æххуысы бригадтæ æмæ дзуапдæттæг министрады ксджытæ.
2024 азы Арвыкомы фæндаг сæхгæдтой 35 хатты. Транспорты цыд иу арæхдæр баурæдтой 6 сахатæй фылдæрмæ. Ныртæккæ æвæстиаты æмæ коммуналон службæтæ кусынц æнæрлæугæйæ. Гуырдзыстоы ‘рдыгæй дæр фæндаг сыгъдæг кæнынц. Уавæрмæ цæст дары регионы разамонæг. Йæ бардзырдмæ гæсгæ, транзитон транспорты æрлæууæнты бынат куы нал уа, уæд сæ республикæмæ нал уадздзысты.















