Уæрæсейы 1-æм сентябрæй сæ тыхы бацæудзысты финансон къабазы ивддзинæдтæ дæр. Ныр, банкоматы æхца райсыны размæ, банк хъуамæ базона, цæстфæлдахджыты амындмæ гæсгæ кæй нæ архайыс, уый. Фæлывд митæй фæгуырысхо уæвгæйæ, æхца исыныл лимит æвæрд æрцæудзæн. Уымæй уæлдай, кредиты бадзырд бафыссын æмæ æхца кредитисæгæн арвитыны ‘хсæн ныр сæрмагонд æмгъуыд уыдзæн. 50-йæ 200 мин сомы онг фæрæзтæ иу æрбацæудзысты 4 сахаты фæстæ, уымæй фылдæр æхцамæ хъæудзæн 48 сахаты банхъæлмæ кæсын.
Уырдæм нæ хауынц: ипотекæ, ахуырадон æмæ автомобилон кредиттæ, дуканитæ æмæ клиникæты æфстæуттæ. Уыцы иу рæстæг, кусын райдайдзæн “дыккаг къухы” сервис кæй хонынц, уый. Йæ фæрцы ис æууæнккаг адæймаджы равзарæн, цæмæй уымæн дæр де ‘хцайы операцитыл сразы, кæнæ не сразы уæвыны бартæ уа.
















