Абон нæ бæстæйы уæлдæфон-десантон æфсæдтыл æххæст кæны 92 азы. Ацы бон сбæрæг кæнынмæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты алы регионтæй. Дзæуджыхъæуы ацыдысты традицион мадзæлттæ, кæронбæттæны та сæ барæсугъд кодтой хæдтулгæты дугъæй.
Ныфс, хъару æмæ фидар миддуне. Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ кæдфæндыдæр цæттæ. Уæлдæфон-десантон тыхтæн бындур куы сæвæрдтой, уæдæй абонмæ рацыд 92 азы.
Бæрæгбоны мадзæлттæ райдыдтой сæрмагонд традицион цыдæй. Аххæсыдысты Ильинагæй Иоан хæстон аргъауы онг. Уый фæстæ кадджын мадзал рахызт намысы Мемориалмæ, уæлдæфон-десантон æфсæдты бындурæвæрæг Василий Маргеловы цыртдзæвæны размӕ. Æфсады инæлары цырты цурмӕ бахастой дидинджытæ, ссардтой, чи фæмард, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ.
Игорь Анцупов йæ æнтыстджын службæйы фæдыл хорзæхджынгонд æрцыд къорд майдантæ æмæ хæрзиуджытæй. Се ‘хсæн Сырх стъалыйы орден æмæ Василий Маргеловы майдан. Хæцыд Афганистаны. Хæстон цауты рæстæг æртæ хатты фæцæф. Æдæппæтæй йын парашютимæ бантыст 2 мин хаттæй фылдæр рагæпп кæнын.
Бæрæгбон Цæгат Ирыстоны сбæрæг кæнынмæ æфсæддон æфсымæртæ ссыдысты Уæрæсейы алы регионтæй. Æфсæддон-десантон тыхты аккаг службæйы фæдыл хорзæхджынгонд æрцыдысты майдантæй.
Кæронбæттæны та – хæдтулгæтæй дугъ. Карцайы уæлмæрды десантниктæ ссардтой, Украинæйы сæрмагонд операцийы цы æфсæддонтæ фæмард, уыдоны нæмттæ.
















