«Уæрæсейы бархион-2019»-мæ курдиаттæ исын райдыдтой. Цымыдисагдæр æмæ хуыздæр куыстытæн бакæндзысты финансон æххуыс. Сæйраг лæвар -2 милуан сомы. Æркасты архайын йæ бон у 8 азæй фылдæр кæуыл цæуы уыдонæн се ппæтæн дæр. Архайджытæ сæ тыхтæ фæлвардзысты 3 хайы.
«Социалон проект»,»Доброе дело» æмæ «Творческая работа»,зæгъгæ. Курдиат бадæттæн уыдзæн 16 июньмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм «Уæрæсейы бархион» арæзт уыдзæн 9-æм хатт. Ацы аз конкурсы архайдзæн фылдæр проекттæ. Грантты фонд ссис 45 милуан сомы. Уый та 2018 азимæ абаргæйæ у 3 хатты фылдæр.
















