Уæрæсейы иугонд командæйы боксæй фæзынд ног уæнг. Æппæтадæмон ерысты нæ бæстæйы кад хъахъхъæндзæн не ‘мзæххон Къуылыхты Кристинæ. Тренировкæты æвæллайгæйæ архайд æмæ уды фидардзинад. Тренертæ сæ хъомылгæнинагæй разы сты. Чызджы бæллиц та у спорты бæрзонддæр къæпхæнтæм схизын.
Техникæйыл бакусын æмæ цæстыфæныкъуылдмæ фӕтагъд кӕнын. Æнæ уымæй фæуæлахиз уæвæн нæй. Вазыгджын у къæхты архайд æмæ цæфты фæтк баиу кæнын. Къуылыхты Кристинæмæ кæсгæйæ адæймаджы уырны, бокс канд нæлгоймæгты спорт кæй нæу. Рингмæ фæндаг чызг тагъд не ссардта. 4 азы цыд гимнастикæмæ, уый фæстæ тхэквондомæ. Æрмæст уый фæстæ бамбæрста, боксеры æрмкъухтæ зæрдæмæ хæстæгдæр кæй сты. Афтæ ныр къорд азы.
Бокс канд буар нæ, фæлæ ма уд дæр фидадрдæр кæны. Хиуыл хæцын æмæ размæ тырнын. Ууыл Кристинæйы ахуыр кæнынц йæ хъомылгæнджытæ. Ам дысвæлдæхтæй фæллой кæнын хъæудзæн, уый бæрæг уыд, чызг фыццаг хатт залмæ куы бакъаздзæф кодта, уæд.
Дæргъвæтин æмæ æнтыстджын тренировкæтæ, фидар миддуне æмæ фæразондзинады фæрцы Кристинæ схызт пьедесталмæ. 19-аздзыд спортсменкæ Уæрæсейы чемпионаты рамбылдта бронзæ. Сæххæст кодта «мастер спорта»-йы норматив. Ныр ис нæ бæстæйы иугонд командæйы. Чызджы æнтыстдзинадмæ се ‘вæрæн хæссынц тренертæ Кæркуысты Павел æмæ Быценты Алан. Фыццæгты йын йæ курдиат нæ раиртӕстой, фæлæ куыд фæстæмæ, афтӕ сӕ Кристинæ йæ тырнындзинад æмæ дисциплинæйæ йæхиуыл баууæндын кодта.
Абон æнæ боксæй Кристинæ йæ цард нæ уыны. Рингы æмæ æрвылбоны царды хъуыды кæны спортыл. Фидæны – ног нысантæ æмæ æнтыстджын къахдзæфтæ. Уыцы фæндагыл та хъæддых уæвынӕн Кристинæмæ тыхтæ ис.
















