Пъæлицæйы кусджытæн абон у сæ профессионалон бæрæгбон. Уый фæдыл Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн æмæ ветерантæн арфæ ракодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куысты хæсӕвӕрдыл æнувыд, лæгдзинадæй æххæст æмæ кæддæриддæр æххуысмæ цæттæ. Уыцы миниуджытæй æххæст сты, мидхъуыддæгты оргæнтимæ йæ цард чи сбæтты, уыцы адæм.
Пъæлицæйæгты хæстæм хауы – æхсæнадон æдасдзинадыл кусын. Цæмæй цæрджытæ закъоныл æууæндой æмæ сомбонмæ уæндон къахдзæфтæ кæной. «Бузныг уын уæ зын, хатгай тæссаг, фæлæ ахсджиаг архайды тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæфæцудгæ æнæниздзинад, сабыр арвы бын цард, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау куысты та — æнтыстытæ!» — загъта Сергей Меняйло.
















