Рауагъдонтæ дарддæр дæттынц Иумæйаг паддзахадон фæлварæн. Абон физикæ æмæ историйæ. Æдæппæтæй фæлвырæны бацархайдтой 1395 иуæндæсæмкъласоны. Уыдонæй минæй фылдæр равзæрстой истори. 359-æй та физикæ. Фæлварæндæттæн пункттæ сты 12.
Æппæт дæр сты ифтонггонд хъæугæ мигæнæнтæй. Цæмæй фæткхæлдтытæ ма ‘рцæуа, уый тыххæй бынæтты куыстой федералон эксперттæ æмæ æхсæнадон цæсдарджытæ. Бæрæггæнæнтæ бæлвырд уыдзысты 22-æм июны онг.
















