Уæрæсейы Хицауад сфидар кодта Цæгат Кавказы социалон-экономикон райрæзты фæтк 2030-æм азмæ. Бафыста йæ Михаил Мишустин. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй хæстæгдæр азты `мгъуыдмæ туристтæ сæ ных хъуамæ саразой Цæгат Кавказы минералон дæтты регионмæхæххон курорттæ «Архыз», «Эльбрус», «Ведучи», «Мамысон», «Армхи» æмæ Дербенты культурон-зонадон туризмы центрмæ.
Райрæзты фæткæй Уæрæсейы Хицауад баивта, раздæр кæмæ гæсгæ куыстой, уыцы программæ. Уый дæр баст уыд регион размæ ракæнынимæ, æрмæст æмгъуыдæй – 2025-æм азмæ. Ивын та йæ бахъуыд, абон нæ бæстæ цы æхсæнадон-политикон уавæры ис, уый хынцгæйæ.
Зынгæ бынат ма ног стратегийы ахсы транспортæй ифтонгдзинад. Уыцы хъуыддагæй Цæгат Кавказы федералон зылд хъуамæ иннæтимæ абаргæйæ цауддæр ма уа. Уымæ гæсгæ æркæсдзысты бынæттон аэропортты уавæрмæ. Кæмæ хъуамæ базилой, уыдоны `хсæн ис Дзæуджыхъæуы уæлдæфон дуар дæр.
















