Уæрæсейы культурæйы министрады ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны ног объектты арæзтадыл. Архайдта дзы республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Профилон министры хæдивæг Владимир Осинцевимæ дзырдтой нацпроект «Культура»-йы инвестицион программæйыл 2025-æм азмæ.
Сæрмагондæй, Алагиры культурæйы галуан «Комсомолец» æмæ Беслæны фæсивæды галуаны рацарæзт. Горæтгæрон æмæ Мæздæджы районты базилинаг сты къабазы 7 объекты. Ныртæккæ сын аразынц проектон-хыгъдон гæххæттытæ. «Культура» нацпроекты фæлгæты 2025-æм азмæ фæнд кæнынц Бæтæхъойыхъæу, Комарово, Предгорное æмæ Советское хъæуты культурæйы хæдзæрттæ саразын. Республикæ ма курдиат балæвæрдта Виноградное, Къора-Урсдон, Камбилеевкæ æмæ Притеречное артдзæстытæ, уыимæ Мæздæджы музыкалон скъола бындуронæй сцалцæг кæныны тыххæй.
Уæдæ Ирон æмæ Уырыссаг театры рацарæзтæн дæр бахъæудзæн æхцайы фæрæзтæ. Сты, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. Ахсджиаг у сæ модернизацийы механизмыл хицæнæй бакусын.
















