Райсом нæ бæстæйы æппæт регионты дæр райдайдзысты адæмæн æнæнхъæлæджы цауты тыххæй хъусын кæныны системæты цæттæдзинад фæлтæрын. 10 сахаты 40 минутыл скусдзысты сиренæтæ æмæ хъæрæйдзурæнтæ.
Æппæтуæрæсеон теле- æмæ радиоэфирты уыдзæн æмбæлгæ хъусынгæнинæгтæ иу минуты онг. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад адæмæн бамбарын кодта, тæссагæй дзы кæй ницы ис æмæ телеэфирты хъусынгæнинæгтæ æмæ эфирты ивддзинæдтæ кæй цæудзысты нысангонд фæткмæ гæсгæ.
















