Уæрæсейы слестгæнæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкин бахæс кодта баххуыс кæнын блокадæйы чи уыди, уыцы сылгоймагæн.
101 аздзыд Александра Левченкойы тыххæй Александр Бастрыкин фехъуыста федералон дзыллон информацион фæрæзты æрмæджытæй. Пенсиисæг у фашистты къæлæтты ист Ленинграды цæрæг. Йæ гæххæттытæ кæй фесæфтысты, уый тыххæй ныр йæ бон райсын нæу сæрмагонд льготæтæ. Хицауад куыд бауынаффæ кодта, афтæмæй сылгоймаг хъуамæ тæрхондоны раз йæ хъуыды сбæлвырд кæна, фæлæ уый тыххæй хъæуынц æвдисæндартæ. Александр Бастрыкин слестгæнæн комитеты уæнгтæн бабар кодта, цæмæй уыдон ссарой æрмæг, Александра Левченко 1940 азы Санкт-Петербургы кæй цард, уый тыххæй, æмæ æцæгдæр фашистты къæлæтты ист кæй уыдис, уый.
Кæсынц æм йæ хæрзгæнджытæ. Александра Левченко 2000 азы æнæ хæдзарæй баззад. Йæ хиуæттæ йæ фæсайдтой, æмæ цын йæ фатер йæхи бакодтой. Цалдæр азы сылгоймаг уынгы хъизæмар кодта, цалынмæ йæ æнæзрнгæтæ сæхимæ не ‘рбакодтой, уæд. Ныртæккæ Александра Левченко цæры Цæгат Ирыстоны.
















