Зæхкусджытæн льготæйы хуызы кредиттæн рахай кæндзысты 25 млрд сомы. Раздæр ацы хъуыддагæн нысангонд æрцыд æрмæст 10 млрд сомы. Ацы аз уæлæмхасæн æхцайы фæрæзты фæрцы хъæууон хæдзарады къабазы архайджытæн уыдзæн цыбыр рæстæгмæ кредит райсыны фадат. Йæ льготæйы бæрц æмтгæй райсгæйæ — 150 млрд сомæй фылдæр. Афтæмæй, æнæ къуылымпытæй ацæудзæн хор тауыны рæстæг. Ныридæгæн Хуссар федералон зылд æмæ Цæгат Кавказы райдыдта.
Премьер Михаил Мишустин Хъæууон хæдзарады министрадæн бабар кодта, цæмæй æхцайы фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, уымæ бæстон цæстдард уа.
















