Цæгат Ирыстоны пысылмон диныл хæст адæм республикæйы цæрджыты хонынц уазæгуаты. Хурныгуылды фæстæ адæмæн бар ис дингæнджытимæ саходынæн. Æнæхъæн мæй пысылмæттæ фæдарынц ком – «Рамадан».
Абон пысылмæттæ æрбахуыдтой æхсæнадон кусджыты, журналистты æмæ политикты. Æнхъæлмæ кæсынц, кæй фæнды семæ иу фынгыл æрбадын, уыдонмæ дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, комдарæны рæстæг 14 июны бæрæгбон Ураза-байрамæй кæй фæуыдзæн.
Цæттæ йæм кæндзысты рагацау – расыгъдæг кæндзысты сæ хæдзæрттæ, æрцæттæ кæндзысты сæ хуыздæр уæлæдарæс æмæ тæккæ хуыздæр хæринæгтæ.
















