Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы эксперттæ бабæрæг кодтой республикæйы спортивон скъолатæ. Базонгæ сты, цы фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, уыдонимæ. Балцы сæйраг нысан – рæзгæ фæлтæрæй спортыл æнувыд чи у, уыдонæн æмбæлгæ уавæртæ саразын ацы къабазы хи фæлварынæн. Афтæмæй, фылдæр кæндзысты олимпаг чемпионтæ дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Дзæдзойты Фатимæ.
Ӕхсæнадон кусджытæ фыццаг бабæрæг кодтой Андиаты Сосланы номыл уæгъдибар хъæбысхæсты спортивон скъола. Æркастысты, æрыгон спортсментæ сæ уæлæдарæс кæм фæивынц, уыцы бынæттæм. Аныхас кодтой тренертимæ. Нæ республикæ цæттæ кæны дунеон æмвæзады спортсменты æмæ уымæ гæсгæ ахсджиаг у, цæмæй суинаг чемпионтæн хъæбысхæстæй архайынæн уа æмбæлгæ уавæртæ.
Дарддæр – фехтованийы спортивон скъола. Ардыгæй йæ æнтыстыты фæндаг райдыдта Шанаты Аидæ. Ацы спорты хуыз нæ республикæйы цæрджытæн у уарзон. Фæлæ æрыгон спортсментæ уæлахизтæм сæхи цы уавæрты цæттæ кæнынц, уыдон сты хуыздæр хъуаг. Скъола 30 азæй фылдæр цалцæггонд нæ уыд. Уымæй уæлдай хъæуы раивын æппæт спортивон кусæнгæрзтæ.
Дзæуджыхъæуы форум «Сообщество»-йы фæлгæты уыдзæн фембæлд. Æрдзурдзысты дзы æхсæнадон куыстуæтты æмгуыстады фарстатыл. Уымæй уæлдай ма, ахуырад æмæ спорты къабазты цавæр проекттæй спайда кæнæн ис, ууыл.
Специалистты сæйраг нысан у – спорты къабазы куыст фенцондæр кæнын. Уый фæрцы та къухы бафтдзæн фылдæр спортсментæ бацæттæ кæнын олимпаг хъæзтытæм.
















