Уымæй уæлдай ма Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, арæзтад æмæ фæндæгты къамисы сæрдары хæдивæг Галина Дзюбаимæ.
Кусæг фембæлды рæстæг æрдзырдтой национ проектты райрæзтыл, заууат уавæры цæрæнбынæттыл, бындурон арæзтад æмæ йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн æмбæлгæ уавæртæ саразыны фарстатыл. Æмбырды ма архайдта Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова дæр.
Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ Цæгат Ирыстонмæ сæмбæлдысты форум «Сообщество»-йы фæлгæты. Эксперттæ бабæрæг кодтой республикæйы дæсгай объекттӕ. Инспекцийы хатдзæгты тыххæй æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тамайты Майрæн. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, уавæр æвзæр нæу.
Галина Дзюба республикæйы разамонæгæн радзырдта, делегаци цы фæзтæ бабæрæг кодта, уыдоны уавæры тыххæй. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Æхсæнадон палатæ республикæйæн баххуыс кæндзæн фарстатæ аиуварс кæнынмæ. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадон цæстдард у хъæугæ.
















