“Дадайы ссарæн ис?” – ацы фарстæй Валентина Иванеевайы бинонты хъысмæт фæивта. Æнæмæлгæ полчы цыды кусгæйæ чызг бирæтæн баххуыс кодта сæ æбæрæгæй сæфт хиуæтты тыххæй информаци базонын. Фæлæ йыл хъуыды дæр никуы акодта, йæ фыды фыды тыххæй бæлвырд цаутæ базондзæн, ууыл. Уымæн æмæ дзы æппындæр ницы хъуыст.
Йæ æнтыстдзинæдтыл чызг æрлæууынмæ нæ хъавы. Йæ фыды ‘рдыгæй истори иртасын куы райдыдта, уæд сбæрæг Валентинæйы дадайы фыд Александр Клеменов дæр уыд хæсты архайæг. 1942-æм азы йæ уацары райстой, æртæ азмæ ацыд бирæ концлагерьтæ, се ‘хсæн Освенцим æмæ Бухенвальд.
Валентинӕйы бинонтӕ иууылдӕр сты бӕстӕйы ӕцӕг патриоттӕ. Нана уыд хӕринаггӕнӕг-фронтовик, мады ‘рдыгæй дада та хӕст ацыд ӕфсӕддон флоты, Дыууӕ хатты аленк кодта Керчы донбакӕлӕны. Фронтӕй куы сыздӕхт, уӕд та электроцинчы ӕндадзæгæй бакуыста. Мад уыд ӕфсӕддон службӕгӕнӕг, Валентинӕйы ӕфсымӕр сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайӕг, тохы бынаты уæззау цӕф куы фӕци, уӕд йӕ бинонты дарæг дӕр йӕ хӕдзармӕ сыздæхт. Ахӕм бинонты ‘ хсӕн рӕзы сӕ лӕппу дӕр. Чысылӕй фӕстӕмӕ йæ разæнгард кæнынц Райгуырæн бæстæ уарзынмæ. Чызг йӕхӕдӕг та бархион у.
Валентинæ бархионы куыст кæны дæс азæй фылдæр. Уымæй размæ ма фондз азмæ хæстæг фæллой кодта ирвæзынгæнджыты уæрæсейаг цæдисы, ныртæккæ йæм ис ирвæзынгæнæджы æртыккаг категори. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын ахæм фæлтæрддзинад царды æххуыс у.
Ныртæккæ Валентинæ у æхсæнадон змæлд “Уæлахизы бархионтæ”-йы регионалон разамонæг. Уымæй уæлдай ма республикæйы скъолаты, сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæтты бакæсы лекцитæ, радзуры Уæрæсейы историйы тыххæй, афтæмæй хъахъхъæны нæ бæстæйы хъайтарты ном.
















