preloader
сейчас в эфире
22:53
КОНЦЕРТ "ПЕСНЯ ГОДА" 12+
Смотрите Далее
00:00
НОВОСТИ ( ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
КОНЦЕРТ "ПЕСНЯ ГОДА" 12+
close

Æрыдоны районы æнтыстджынæй кусынц кадетон кълæстæ

13.05.2026 16:22

Ӕрӕджы Ӕрыдоны районы кадетон кълӕстӕ уыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуырты æрдзон зынгсирвӕзтытӕ аиуварс кӕныны тыххӕй. Лӕппутӕ федтой, ирвӕзынгӕнджытӕ арт хуыссын кӕнгӕйӕ куыд архайдтой, адӕмы ӕмӕ инфраструктурӕйы объекттӕ куыд хъахъхъӕдтой, уый. Фӕсивӕды ахӕм мадзӕлттӕм кӕнын у патриотон хъомылады ахсджиаг хай.

Лæппутæ автомат иттæг хорз райхæлдтой – сарӕхстысты 15 секундмӕ. Уыйбӕрц рӕстӕг бахъуыд чызджыты дӕр. Лӕппутӕн сӕ архайд хӕццӕ кӕны автоматизммӕ – ӕмбырд дӕр афтӕ ӕнцонӕй къухы ӕфты. Йӕ фарсмӕ офицер-ахуыргӕнӕг Бигъуылаты Юрий. Уый алы фезмæлдмæ дæр бæстон кæсы. Кадетты къласы алы ахуырты дӕр йӕ зонындзинæдтыл нæ бацауæрды.

Теорийы фӕстӕ та – практикон ахуыр нӕмыгӕй ӕхсынӕй. Æфсæддон цауты ветеранæй зонындзинӕдтӕ райсын кадеттӕн кады хос у. Фӕсивӕд сӕхи ныфсджынӕй ӕнкъарынц бирӕ дисциплинӕты. Ӕмбырд куы расидтысты, уӕд Мсойты Элинӕ фидарӕй загъта, кадетты къласы кӕй ахуыр кӕндзӕн, уый. Цы ногдзинæдтæ райста, уыдон ӕй фидӕны бахъӕудзысты..

Кадетты кълас Хъӕдгӕроны скъолайы байгом кодтой 2021 азы. Конкурс уыд стыр, абон дзы ахуыр кӕны 20 адӕймаджы. Патриотон хъомылады куыст ам егъау у. Фӕсивӕд æппынæдзух архайынц алыхуызон конкурсты.

Æрыдоны 2-æм скъолайы кадетты къласы ахуыр баст у фыццаг медицинон ӕххуыс бакӕнынимæ. Арӕхстдзинӕдтыл бакусынц сӕрмагонд тренажер-манекеныл. Æрымысгæ цаумæ гӕсгӕ лӕг бауадзыг. Ӕнӕмӕнг базонын хъӕуы, йӕ зонд йӕхимӕ ис ӕви нӕ. Ӕмӕ дарддæр уый хынцгӕйӕ архайын.

Дарддӕр хӕс ахсджиагдæр кӕны: адӕймагæн йе уӕнгтæ асастысты. Лекъты Хетӕг зоны, уыцы уавӕры дӕр куыд архайын хъӕуы, уый. Ӕвзонг кадет йӕ алы архайдӕн дӕр дзуапп дæтты.

Жгут сӕвӕрын кӕнӕ хъӕдгом бабӕттын. Кадетты къласы ахуыртӕ Хетӕг нæ цух кæны. Æвзонг лӕппуйы фӕнды йӕ цард медицинӕимӕ сбӕттын. Цы зонындзинӕдтӕ райста, уыдон æй бахъӕудзысты.

Ӕдӕппӕт кадетон къласы ахуыр кӕны 22 адӕймаджы. Педагог-отставкӕйы офицер Созайты Аланимӕ иумӕ бæстондæр ахуыр кӕнынц хӕстон тематикӕ, сӕхи цӕттӕ кӕнынц ӕркастытӕм, архайынц квизӕты, викторинӕты. Хъомылады сæйрагдæр нымайынц патриотизм.

Ӕрӕджы Ӕрыдоны районы кадетон кълӕстӕ уыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуырты æрдзон зынгсирвӕзтытӕ аиуварс кӕныны тыххӕй. Лӕппутӕ федтой, ирвӕзынгӕнджытӕ арт хуыссын кӕнгӕйӕ куыд архайдтой, адӕмы ӕмӕ инфраструктурӕйы объекттӕ куыд хъахъхъӕдтой, уый. Фӕсивӕды ахӕм мадзӕлттӕм кӕнын у патриотон хъомылады ахсджиаг хай.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дзотты бинонтæ | Бинонтæ
17.10.2026
Гвардия I 17.10.2026
17.10.2026
Кувæг Ир I Елиайы бæрæгбон
17.10.2026
Традиция Веры I 17.10.2026
17.10.2026
Хъолайы цъити, ахуырад æмæ театр «Шкит»-ы гастрольтæ | Йæ рæстæгыл
16.10.2026
Алан Лазаров | По большому счету
16.10.2026
16.10.2026 I Хæдзарадон
16.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 16.10.2026
16.10.2026
167-летие Коста Хетагурова; Елена Ксенофонтова, Георгий Дронов и Юлия Тельпухова во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
15.10.2026
15.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
15.10.2026
Хетæгкаты Къостайы кадӕн I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
15.10.2026
Абдурасул Казаков I Дело мастера
14.10.2026
Профилактика терроризма среди молодёжи I Национальные интересы
14.10.2026
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Все рекомендуемое