Владимир Путин фæсидт бæстæйы регионты командæтæм, цæмæй бацархайой «Сильные идеи для нового времени» форум аразыны хъуыддаджы. Уæвгæ йыл сæрмагондæй кусынц фонд «Уæрæсейы конгресс» æмæ стратегион хъæппæристы агентад.
Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы проекты руаджы алы адæймагæн дæр фадат ис кæм цæры, уыцы горæты, регионы, кæнæ ма раст бæстæйы райрæзты фарстаты фæдыл йæ хъуыдытæ адæмы размæ рахæссынæн. Æвзардзысты сæ сæрмагонд платформæйы. Алы адæймагæн дæр йæ хъуыдыйæн аргъ скæндзысты эксперттæ. Форумы кæронбæттæны мадзал ацæудзæн сæрды. Фæбæрæг дзы кæндзысты 100 хуыздæр хъуыдыйы, бæстæйы райрæзтыл чи саахада æмæ национ нысантæ сæххæст кæнынæн 2030-æм азмæ ахъаз чи уа, ахæмтæ.
















