Юрий Чайка æмбырд райдыдта, Фыдыбæстæ хъахъхъæнын йæ сæйраг хæсыл чи нымайы, уыдонæн бузныг зæгъынæй. Бæстæйы Президент афæдзы райдиан цы уынаффæ бафыста, уымæ хауынц экономикон, социалон, гуманитарон мадзæлттæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты цур æрбалæууын, æххæстбарджын минæвары ныхасмæ гæсгæ, абон тæккæ ахсджиагдæр у.
Æрæджы регионы йæ тыхы бацыд кадрон программæ “Ирыстоны æхсар”. Уый дарддæр æххæст кæны федералон проект “Хъæбатырты рæстæг”-ы нысантæ. Юрий Чайка куыд загъта, афтæмæй уæлахизхæсджыты сгуыхтдзинæдтимæ рæзгæ фæлтæры зонгæ кæнын хъæуы куыд интернеты, афтæ мемориалтæ æмæ музейты дæр.
Æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс регионы социалон политикæйы ахсджиагдæр архайд кæй у, уый фæбæрæг кодта Сергей Меняйло. Ныхас цыд Уæлахизы боны мадзæлттыл дæр.
Уымæй уæлдай, регионы æппæт рекламон фæйнæджытыл ногæй фæзындзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты къамтæ. Æмбырды рæстæг цы хæстæ снысан кодтой, уыдонмæ уыдзæн бæстон цæстдард.
















