Мамысоны курорты арæзтады ахсджиаг бынат ахста кæлæддзаг туннелы рацарӕзт. Фæзынд 40 азы размæ, Зæрæмæджы ГЭС куы арæзтой, уæд. Бæлцæттæ ласынæн дзы аккаг уавæртæ нæ уыд. 2020 азы райдыдта йӕ егъау рацарæзт. Абон та йæ кадджын уавæры байгом кодтой.
Сæрмагонд техникæйы колоннæйы зӕрдӕмӕдзӕугӕ цыд. Тъунелы арæзтады чи архайдта, уыдон æй кадджын уавæры байгом кодтой. Мамысоны курортмæ ныр бацæуæн ис цыбыр рæстæгмæ æмæ æнæ къуылымпытæй.
Тъунел сарæзтой ивгъуыд æнусы 80-æм азы. Бирæ азты уыд заууат уавæры æмæ ныккæлын ӕввонг. Йæ рацарæзты рæстæг æй ныффидар кодтой, баивтой æппæт хызæгтæ æмæ коммуникацитæ. Ныр фæндаджы 500 метры у æдас куыд рог, афтæ уæзласæн хæдтулгæтæн дæр.
Ног тъунел хуымæтæг объект нæу, – зæгъæн ис, æмæ фæндаггон кластер. Хидтæ, донуадзæн хæтæлтæ, æдасдзинады системæтæ. Фидæны курортæн уый у æнæмæнг домæн. Туристон комплексы æндæр объектты арæзтад дæр ныр фæцырддæр уыдзæн.
Дæсгай азты объект хæлд цыд дурзгъæлæнтæй. Ныр ын уымæй тас нал у. Мамысоны курорт кæд нæма райдыдтой аразын, уæддæр бæлццæттæн ныридæгæн фадат ис æрдзы хъæбысмæ ацæуын.
Стыр арæзтад нырма разæй ис. Куыстытæ цæудзысты Транскамæй тъунелмæ, уыимæ Мамысоны рекреацион комплексмæ. Специалисттæн ис бæлвырд æмгъуыд. Курортмæ туристтæ хъуамæ ныггуылф кæной 2024-æм азы кæронмæ.
















