Бæстон медицинон æркаст ацæуын æмæ афойнадыл низ рартасын. Республикæйы дарддæр кусынц медицинон мобилон къордтæ. Фæлтæрдджын специалисттæ æппæт хъæугæ медицинон ифтонггæрзтимæ æххуыс кæнынц дæрддзæф хъæуты цæрджытæн. Заманхъулæй нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæйы æрмæг.
Зæнджиаты Райæйыл кæд 80 азы цæуы, уæддæр йе ‘нæниздзинады фæдыл хъаст кæнын нæ уарзы. Сылгоймагæн арæх фæдудынц æмæ ныссырх вæййынц йæ цæстытæ. Уый фæдыл йæхи районы рынчындонмæ аласны кæна, уый æфсæрмы фæкæны. Сæ хъæумæ дохтырты мобилон къорд æрцæудзæн, уый куы базыдта, уæд æй бафæндыд бæстон медицинон æркаст ацæуын.
Мобилон комплексы ис кардиограммæ æмæ маммографи скæныны фадат, уыимæ, хъæугæ иртæстытæ раттын. Бæстон æркаст ацæуын цæстыты дохтыр, хирург, терапевт æмæ æндæр специалисттæм. Медицинон кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзалы руаджы арæх афойнадыл раиртасынц алыхуызон низтæ.
Æмбисбонмæ Заманхъулы федтой 80 адæймаджы. Се ‘нæниздзинад сын сбæрæг кодтой. Цыбыр рæстæгмæ райсдзысты æркасты бæрæггæнæнтæ, уый фæстæ сын бакæндзысты хъæугæ медицинон æххуыс. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæйы хъæуты фелсырон-акушерон пункттæм мобилон къордтæ цæуынц афæдз дыууæ хатты. Уый тыххæй хъусынгæнинаг цæрджытæ рагацау райсынц.
















