Завод «Кристалл»-ы бындурыл 2021 азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц зды сыгъдæгæй уадзыны куыст сног кæнын. Сæрмагонд проектыл бакуыста фирмæ Петербургæй. Ныртæккæ хъæуы технологон куыстыты фæтк равæрын. Абон республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло заводы фæзыл фембæлд инвестортимæ. Æрдзырдтой куыстадон пълæнттыл. Ацы азы кæронмæ кусæнгæрзтæ баивдзысты, сцалцæг кæндзысты сæрмагонд цехтæ. 2021-æм азæй фæстæмæ фæнд кæнынц куыст сног кæнын.
Республикæйы промышленность æмæ транспорты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мæрзойты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, проектты райрæзтыл заводы фæзыл архайдзысты инвестортæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, завод «Кристалл»-æн бындур сæвæрдтой 1963 азы. Куыстуат продукци уагъта хъахъхъæнынады промышленностæн.
















