Терапевт, стоматолог, кæнæ акушеры лæггæдтæ райсыны фадат ныр ис Тарскæйы цæрджытæн. 2019 азæй хъæуы кусы ног амбулатори. Хæрз æрæджы та ма медицинон уагдоны фæзынд хæдтулгæ. Ныр дохтыртæ æнцондæрæй хæццæ кæндзысты пациенттæм.
Тарскæйы цæрджытæ ног амбулаторимæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Раздæры медицинон уагдоны уавæртæ сæ хуыздæртæй нæ уыдысты. Йæ цар тагъди, къултæ схъуына сты. Стæй, дохтырты ныхæстæм гæсгæ, бæстыхай уыд къуындæг. Мæхъиты Жаннæ рынчын уыд коронавирусæй. Абон æрбацыд терапевтмæ.
Амбулаторийы æнæкъуылымпы куыстæн нæ фаг кодта транспорт. Дохтырты курдиатмæ гæсгæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад рахай кодта хæдтулгæ. Дриаты Каринæйы бæрны ис, йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм саби. Дохтырмæ æрбакæныны фадат ын алкæд нæ вæййы. Уымæ гæсгæ, амбулаторийы хæдтулгæ кæй фæзынд, æмæ ныр дохтырты бон хæдзармæ бацæуын дæр кæй у, уый сылгоймайгæн у тынг æхсызгон.
Амбулаторийы ис процедурон кабинет дæр. Терапевт, стоматолог, акушер æмæ педиатры кабинеттæ. Сифтонг кодтой ног УЗИ-аппарат дæр. Медицинон уагдон æрвылбон кусын райдайы райсомы 8 сахатыл. Амбулаторийы разамонæг, Хæмыцаты Ритæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ сæйраг хæс у- хъæугæ æххуыс афойнадыл бакæнын.
Ног амбулатори кусы æртæ азы дæргъы. Алы бон æм адæм цæуынц, канд медицинон лæггæдтæ исынмæ нæ, фæлæ ма дохтыртæн арфæйы ныхæстæ ракæнынмæ.
Хуасдзауты Алинæ
















