«Железный мир», зæгъгæ, уацмысты æмбырдгонд адæмы рæгъмæ рахаста поэт Пагæты Аслæнбег. Цы 7 чиныджы ныффыста, уыдонæй уыди 4-æмы презентаци. Æрæмбырд дзы когда алы азты фыст радзырдтæ æмæ прозæйы уацмыстæ. Сæ тематикæ алыхузон у. Фыссæг йæхæдæг куыд æмбарын кæны, афтæмæй чиныджы фенæн ис куыд хæстон, афтæ æмбæстаг темæйыл фыст уацмыстæ.
Пæгæты Аслæнбег: «Железный миры» уацмыстæ баст сты абоны бон нæ цы тыхсын кæны, уыцы цаутимæ. Зæгъæм, Донбассы цы хæст цæуы, уый. Уæдæ æндæр риссаг фарстатæ дæр дзы банкъарæн ис. Иу дзырдæй, мæнмæ гæсгæ, нæ арф хъуыдыты цы ис æмæ райхалинаг чи сты, уыцы хъуыддæгтæ».
















