Зилгæйы хъæубæстæ сбæрæг кодтой Къохы Лæгты Дзуары бæбæргбон. Æрвылаз вæййы майрæмы мæйы æртыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбон хъæуы цæрджытæн у кадджын, æмæ йæм зæрдиагӕй афæдзæй-афæдзмæ фенхъæлмæ кæсынц. Кувæндон та хъæубæстæн у æрдхæрæны бынат. Ам-иу, Дзуары бын, баисты кæнгæ æфсымæртæ, Дзуарыл-иу ног чындзы фæдзæхстой. Уæдæ кæстæртæй исчи йæ æфсæддон хæс æххæст кæнынмæ куы фæцæуы, уæд уый дæр Дзуарыл бафæдзæхсынц, æмæ йæ афтæмæй афæндараст кæнынц йæ фæндагыл.
Зилгæйы лæппу-фæсивæд райсомæй раджы райдыдтой кусæрттæгтимæ архайын. Хъæубæсты кæстæртæ сæ уидæгтæ уарзынц, лæггад кæнынмæ сæ разæнгард кæнын нæ хъæуы. Уæдæ æфсинтæн дæр боныцъæхтæм сæ хыссæ цæттæ уыд. Æмбисбонмæ скодтой сæдæгай чъиритæ. Уазæджы нæ сбуц хъæуы, зæгъгæ, сæхæдæг адæймагæн сæ арм фынгæн дардтой.
Æрвылаз, майрæмы мæйы æртыккаг хуыцаубоны, Зилгæйы цæрджытæ сæ кувинæгтимæ сæмбæлынц, хъæуы астæу цы къох ис, уырдæм. Ам хистæртæ скувынц Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм. Уарзон хъæубæстæн курынц фарн æмæ амонд.
“Ирон адæймаг хорздзинад æвдисынæн цæры, æмæ уыцы æгъдау кæстæртæм хæццæ кæнын хъæуы”, — зæгъы дзуары лæг Дзусаты Барис. Зилгæйы Къохы дзуар – Уастырджийы – кувæн бонмæ цæттæ кæнын райдайынц рагацау æмæ зæрдиагæй. Хъæубæсты дзыллæтæн у ахсджиаг æмæ, стыр аргъ кæмæн кæнынц, ахæм бон.
Дзусаты Барисы ныхæстæм гæсгæ, Ирыстон рагæй дæр зындгонд у йæ сыгъдæг бынæттæй, æмæ сæм цæуын дæр сыгъдæг зæрдæйæ хъæуы. Кæннод куывдтытæ барст нæ уыдзысты. Ацы бæрæгбонæн ис стыр нысаниуæг — адæмы кæны æнгомдæр, иузæрдиондæр.
Куывдмæ канд Зилгæйы цæрджытæ не ‘рбацæуынц, фæлæ ма хъæуæй рацæуджытæ Ирыстоны алы рæттæй дæр. Бæрæгбоны фæдыл сæ кæрæдзийæн фæкæнынц зæрдиаг арфæтæ, ам сæ бæгъӕмвад сабидуг ногæй сæ зæрдыл æрбалæууы.
Зилгæйæгты циныл бацин кæнынмæ ардæм æрвылаз æрбамбæлынц республикæйы алы хъæутæ æмæ сахарты минæвæрттæ, се ‘хсæн — Ирыстоны куырыхон хистæртæ. Сæ зондахаст, сæ хъæздыг миддуне – æрыгон фæлтæрæн сты дæнцæг.
Алкæмæн дæр йæхи рыст, йæхи фæндон ис, фæлæ ам адæмæн сæ бæллицтæ баиу вæййынц. Курынц æнæниздзинад, дунейы сабыр цард æмæ зæххон хорзæхтæ. Куыд æмбæлы, афтæ алы хæдзары æфсин дæр æрбахæссы кувинæгтæ: æртыгай чъиритæ, æртыгай æртæдзыхæттæ ӕмӕ ирон бæгæны. Ардæм карз нозт хæссæн нæй.
Зилгæйы цæрджытæ фыдæй-фыртмæ сты æгъдауыл хæст. Кæстæр фæсивæд фынджы уæлхъус нæ бадынц, фæлæ зарынц æмæ кафынц хъазты.
Куывдтæ кæнын ирон адæмæн фыдæлтæй баззад. Сæ сæйраг нысан у – адæмы иудзинад æмæ хæлардзинад. Зилгæйы цæрджыты дæнцæг та фæзминаг у æгас Ирыстонæн.
















