Битарты Вячеслав абон фембæлд ирон æвзаг æмæ литературæйы республикон Олимпиадæйы уæлахиздзаутимæ. Æдæппæтæй уыдысты 9, Цæгат Ирыстоны алы районтæй. Кадджын мадзал сарæзтой хицауады хæдзары. Республикæйы сæргълæууæг арфæ ракодта скъоладзаутæн, сæ ныййарджытæ æмæ сæ ахуыргæнджытæн.
«Хæдзары ирон ныхас куы нæ хъуыса, афтæмæй цавæрфæнды закъонтæ куы сфидар кæнæм, уæддæр ирон æвзаг нæ фæтыхджындæр уыдзæн,»– фæнысан кодта Битарты Вячеслав.
Арфæты фæстæ республикæйы сæргълæууæг скъоладзауты схорзæхджын кодта æхцайы премитæй. Кады гæххæттытæй фæстæмæ ма сæ алчидæр райста республикæйы сæргълæууæджы преми – фæйнæ 10 мин сомы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Республикон олимпиадæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ цыдис февралы. Сæ зонындзинæдтæ дзы бавзæрстой 300 скъоладзауы. Уыдон сты 9-æм, 10-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Олимпиадæ арæзт уыдис цалдæр къæпхæнæй – скъолаты, районты, кæронбæттæны ерыстæ та цыдысты республикæйы æмвæзадыл. Хъуамæ æртæ сахатмæ бакуыстаиккой 15 хæслæвæрдыл. Мадзал аразджытæ – республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады бæрнон кусджытæ. Сывæллæттæй бирæтæ олимпиадæйы архайдтой фыццаг хатт, се `нкъарæнтæ дæр уымæн афтæ æргом æмæ æнæхин уыдысты.
















