Анапæйы кæронмæ фесты æппæтуæрæсеон ерыстæ къуххæстæй. Сæ арæхстдзинад дзы æвдыстой 78 регионы минæвæрттæ. Ерыс кодтой куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр, спорты 22 контактон хуызы. Нæ республикæйы иугонд командæ турниры бацахста фыццаг бынат. Сыгъзæрин майдантæй иу рамбылдта Зураты Сослан. Йемæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.
Зураты Сослан къуххæсты спортмæ райдыдта цæуын 9-аздзыдæй. Куыд зæгъы, афтæмæй спортзал у йæ дыккаг хæдзар. Царды Сослан у уæздан æмæ æфсармджын. Тох кæнынмæ куы рацæуы, уæд та вæййы æгъатыр йæ ныхмæлæууæгмæ. 17 аздзыд лæппуйæн йæ къухы бафтыд стыр æнтыстдзинæдтæ. Æрæджы та рамбылдта æппæтуæрæсеон ерысты дæсны тоххæстытæй.
Хæстæгдæр рæстæг Сослан фæнд кæны спорты мастер суæвын. Уый руаджы йæ бон уыдзæн дунейы чемпионатмæ бахауын. Фидæны йæ зæрды ис рахизын лæгæй-лæгмæ тохы хуызтæм æмæ Федор Емельяненко æмæ Хабиб Нурмагомедовы фæндагыл ацæуын. Тренерты хъуыдымæ гæсгæ, курдиатджын спортменæн йæ бон у схизын уыцы æмвæзадмæ.
Сослан ахуыр кæны политехникон техникумы ирвæзынгæнæджы дæсныйадыл. Скалодром æмæ хæхты ахуыртæй йæ зæрдæ фæрайы. Уæгъд рæстæг ын æппындæр нæ вæййы. Сослан у бирæсывæллонджын бинонтæй. Фæлладуадзæн бонты æххуыс фæкæны йæ фыдæн хæдтулгæтæ аразынмæ.
Техникумы Сосланы спортивон карьерæйыл куыст хорзыл нымайынц. Ерыстæм æй куы фæхъæуы, уæд æй ауадзынц. Уырны сæ, фидæны сæ ахуырдзауæй сæрыстыр кæй уыдзысты, уый.
















