Зымæгмæ цæттæ. “Спецэкосервис”-ы кусджытæ сæхи рæвдз кæнын райдыдтой суанг уалдзæджы. Техникæйы 45 иуæджы фæндæгтæм рацæуынмæ æнхъæлмæ кæсынц. Цæхх æмæ змис дæр бацæттæ кодтой 2 мин тоннæйæ фылдæр. 270 адæймаджы æфснайдзысты æхсæвæй-бонæй.
Зымгмæ цæттæгæнæн куыстытæ Спецэкосервис иууылдæр фæцис. Боныхъæды рагзагъдмæ гæсгæ, хæстæгдæр бонты уыдзæн мит æмæ йæм ам рæвдз сты. Цæттæ кæнынц 2500 мин тоннæйы цæхх æмæ змис. Сæйрагдæр у фæндæгтыл æдасдзинад.
Куыстмæ цæттæ у сæрмагонд техникæ дæр: æдæппæтæй 45 иуæджы. Дзæуджыхъæуы сыгъдæгдзинадыл кусдзысты 270 адæймаджы. Зымæгмæ рæвдз кæнын райдыдтой суанг уалдзæджы, цæмæй митуарды рæстæг къуылымпыдзинæдтыл ма сæмбæлой.
Фарон зымæджы бирæ мит уыди. Специалистты-иу арæх бахъуыд кусын æхсæвыгæтты дæр. Æфснайдтой фæндæгтæ, тротуартæ, фистæгæй цæуæнтæм бахизæнтæ.
Фæндæгтæ цыфæнды хорз сыгъдæг куы уой, уæддæр æдасдзинады домæнтæ рох кæнын нæ хъæуы. Нæй тагъд цæуæн æмæ хъæуы дистанции хъахъхъæнын. Йæ цæлхытæ зымæгонтæй чи нæма раивта, уый дæр фæстиат мауал кæнæд!
















