Фæлæ уал райдайдзыстæм фæстаг сахаты хабарæй. Æвдисæнтæ социалон хызты цы видеоæрмæг апарахат колтой, уымæ гæсгæ базарадон центр “Алания-Молл”-ы æрцыд зынгсирвæзт.
Бынаты кусынц ирвæзынгæнджытæ. Бæстыхайы сæрмæ та арвмæ цæвынц сау фæздæджы мигътæ. Адæмæй исчи исты хъыгдард баййæфта æви нæ, уый бæрæг нæма у. Ацы кадртæ систой, базарадон центрмæ хæстæг лæуд чи фæци, уыдон.
















