Боциты Барон ирон прозаикты хуыздæрты номхыгъдмæ хауы. Йæ хъуыстгонд уацау «Саст рæхыс» нымад у фыссæджы сæйрагдæр сфæлдыстадон æнтыстыл. Бароны нуарджын æвзагæй цалдæр цымыдисаг дæнцæджы æрхæсдзыстæм ацы рауагъды.
«Саст рæхыс» ис равгæнæн электронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй: https://vk.cc/c8FnEn
*ХЪАУГЪА: «Уæддæр кæрæдзиимæ куы фæхъаугъа вæййынц…»
*ÆЛГЪÆД: «Уæд иунæг комдзаг дæр лæджы зæрдæ балгъæд кæнид»
*ФИСТСÆР: «Уый уыдис тымбылдзæсгом, рæстæмбис ас, сауцæст, мыдхуыз фистсæр лæппу»
*ХÆРВ: «Калм йæ хæрв куыд феппары…»
*КЪÆМБЫР: «Уæд ныххызт къæмбыры бын аууонмæ…»
*ХЪÆЛЗÆНГ: «Афтæ та хъæлзæнгæй арастис фосы разæй»
*МÆЙДАР: «Къæвда дæр фæсабыр, фæлæ ахæм мæйдар уыдис, æмæ…»
*КУЛ: «Сывæллæттæ, раздæр-иу уынгты къæвда донæй култæ чи кодта…»
*АСÆСТ: «Сау асæстытæ кæмтты сæхи бынноз æристой»