Хъуыстгонд советон белорусаг фыссæг Василь Быков уырыссагау фыста. Фæлæ Гæбулты Мелитоны тæлмацы руаджы йæ уацау «Балбирæгътæ» иронау кæсынхъом фестæм. Уырдыгæй нæ алæвæрдæн райстам цымыдисаг дзырдтæ.
———
Чиныг ис равгæнын чиныгуат «Бæрзæфцæг»-æй амынд æрвитæнæй: https://vk.cc/cbAJVK
*ФÆЛХАТ: «Космонавтты уынг, Космонавтты… — сфæлхат кодта æнæзонгæ лæг»
*УАРТ: «цалынмæ егъау хъæдын уартыл дзырд «Футбол» федта, уæдмæ»
*ХЪУСИНАГ: «Æввахсдæр æм бацыд æмæ бакаст хъусинаг»
*ТАХЫНÆГ: «Уæддæр хъæууон тахынæг, мыды хъуырау æмæ хиахст хус кæсæгтæ æвзæр нæ рафидаудзысты фысымы фынгыл»
*СÆЛДÆГ: «Иннæ — саухил, йе ’мбалæй бæрзонддæр, лæппуйы хæлаф йæ уæлæ, стæрдта сæлдæг»
*ХЪÆРНЫВ: «Æцæгдæр, номыры фæстæ уыд хъæрныв К æмæ цифрæ 3, уый фæстæ та — фатеры номыр»
*ТАРВАЗ: «Уæдмæ сылгоймаг рахызт къæсæрæй æмæ йæхæдæг бахæцыд, дуары тарвазыл цæст гæзæмæ кæй æвзæрста, уыцы кнопкæйыл»
*РЫГЪД: «Фæлæ йæ фыццаджы рыгъд ахаст æнкъаргæ дæр нал бакодта»
*КУЫРМÆДЖЫ: «Дохтыр ын куырмæджы йæ тугамæхст уæхск куыддæрты байсæрста»
*СÆДЗÆН: «Ам нырма уромы, фæлæ дарддæр сæдзæн у»
* ТÆНГЪÆД: «Се ’ппæтæн дæр дон æмæ цъыфдзасты бæзджын тæнгъæд хæццæ кодта сæ риуты онг»
*УАДЗЫГ: «Тихонов æмбаргæ дæр ницы кодта, афтæмæй йæ уадзыгæй рахастой бæхы рагъыл»