Боциты Барон

24.12.2021 20:30

Судзаг æвзаг

Выпуск от 24.12.2021

Боциты Барон ирон прозаикты хуыздæрты номхыгъдмæ хауы. Йæ хъуыстгонд уацау «Саст рæхыс» нымад у фыссæджы сæйрагдæр сфæлдыстадон æнтыстыл. Бароны нуарджын æвзагæй цалдæр цымыдисаг дæнцæджы æрхæсдзыстæм ацы рауагъды.

«Саст рæхыс» ис равгæнæн электронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй: https://vk.cc/c8FnEn

*ХЪАУГЪА: «Уæддæр кæрæдзиимæ куы фæхъаугъа вæййынц…»

*ÆЛГЪÆД: «Уæд иунæг комдзаг дæр лæджы зæрдæ балгъæд кæнид»

*ФИСТСÆР: «Уый уыдис тымбылдзæсгом, рæстæмбис ас, сауцæст, мыдхуыз фистсæр лæппу»

*ХÆРВ: «Калм йæ хæрв куыд феппары…»

*КЪÆМБЫР: «Уæд ныххызт къæмбыры бын аууонмæ…»

*ХЪÆЛЗÆНГ: «Афтæ та хъæлзæнгæй арастис фосы разæй»

*МÆЙДАР: «Къæвда дæр фæсабыр, фæлæ ахæм мæйдар уыдис, æмæ…»

*КУЛ: «Сывæллæттæ, раздæр-иу уынгты къæвда донæй култæ чи кодта…»

*АСÆСТ: «Сау асæстытæ  кæмтты сæхи бынноз æристой»

Другие выпуски
Судзаг æвзаг

Цгъойты Хазби

Хъуыстгонд журналист, публицист æмæ иртасæг Цгъойты Хазби аивадон чингуытæ дæр дзæвгар бацæттæ кодта. Абон æвзарынæн райстон йæ радзырдты æмбырдгонд «Дæ зæрдæ де ’вдисæн», зæгъгæ. Фидæны та лæмбынæгдæр æркæсдзыстæм Хазбийы ахъаззаг мифологон бæрæгуат «Арвы дуар»-мæ.

Чиныг равгæнӕн ис электронон чиныгдон «Бæрзæфцæг»-æй: https://vk.cc/cd4KAq

*УАХЪÆЗ: «Уахъæз комы ’рдыгæй расиры…»

*ТÆЛЫ: «Исчи йыл тæлытæ бакодта, æви?»

*РÆСУГ: «Бæрцæй цалдæр бæласы зайы рæсуг æнæном суадоны алыварс»

*КÆЛÆХ: «Æвæдза, цард цæй бырынцъаг, цъæрæхснæг, кæлæх фæндаг у»

*КАЙЫН: «Кадæнхъæл йæ намыс кæд фæкайы, уый нал фæиртасы»

*ХÆРÆ: «Хъуыдытæ… хылдысты сæры магъзы, хæрæ мигъ сыл æрбадт»

*НОМХЫГЪД: «Номæвæрæн куывды мадмæ æрбахастой алыхуызон нæмтты стыр номхыгъд»

*ФÆЛТÆМÆН: «Æмæ уый фæлтæмæны фæрцы дардмæ тыргъы суыдта йæ хъæбулты»

выпуск от 29.04.2022
Судзаг æвзаг

Мэри Поппинс

Хъуыстгонд Дзасохты Музафер литературæмæ куыд дæсны у, уый иууылдæр зонæм. Суанг ма иронау сдзурын кодта англисаг фыссæг Памела Трэверсы «Мэри Поппинс»-ы дæр. Цы цымыдисаг дзырдтæй дзы спайда кодта, уыдон «Судзаг æвзаджы» сæрмагонд рауагъды.

Чиныг равгæнӕн ис электронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй ацы æрвитæнмӕ гæсгæ: https://vk.cc/ccgfCS

*ÆРМКЪУХ: «Урс æрмкъух кæуыл ис, йæ уыцы къухы амонæн æнгуылдзæй ацамонгæйæ»

*НЫЦЦАУАЗЫН: «Æз сæм рудзынгæй кæсгæйæ, мæстæй мæлин, уынджы змæлд кæй ныццауæзтой, уый тыххæй»

*УÆРÆХЧЪИЛ: «Йæ иу къухæй хæцыди йæ уæрæхчъил худыл»

*ГÆЗÆНХЪÆД: «Йæ хызыныл хæцыд, афтæмæй асины гæзæнхъæдыл абадт»

*ТУХГÆ: «Стæй дзы систа сапоны дынджыр джипп, духийы авг, тухгæ бандон»

*ÆВДИСÆН: «Фæлæ цы ’рцыди, уымæн уыдысты цардæгас æвдисæнтæ»

*ЦЪÆХСНАГ: «Уыцы рæстæг сын сæ зæрдиаг ныхас фескъуыдта мисс Ларкы цъæхснаг хъæлæс»

*АЗМÆЦ: «Азмæц! Зонды къуыбар! Мæ сызгъæрин!»

*ХАТГÆ: «Дыууæ фунты мын хатгæ абар — æппæты хуыздæр чи у, уыцы хатгæйæ»

выпуск от 08.04.2022