Цæгат Ирыстоны цæрджытæ алы рæттæй хъаст кæнынц, цæхæрадæтты донæй пайда кæныны тыххæй сæ бирæ æхца кæй агурынц, уымæй. Квитанциты мыхуыргонд цæуынц, адæмæн сæ бон бафидын кæй нæу, ахæм нымæцтæ. Цы нысан кæнынц ацы фиддонтæ, закъоны бындурыл дзы конд цы у æмæ цы нæу, стæй цы хуызы ис адæмæн баххуыс кæнæн? Ууыл дзурæм «Йæ рæстæгыл».
Алайнаг паддзах Аддакы ном ногæй айхъуыст. Португайлаг Коимбрæйы йын байгом кодтой бронзæ бюст, куыд горæты бындурæвæрæгæн, афтæ. Уыцы цау социалон хазты апарахат, æмæ мах сфæнд кодтам бæлвырддæр ацы хъуыддагыл æрныхас кæнын.
«Вершины Кавказа»- ахæм аивадон фестивалы архайджытæ систы Фарныхъæуы кафты адæмон ансамбль «Фарн»-ы минæвæрттæ. Уыцы егъау сфæлдыстадон æмбырды систы Гран-Прийы хицæуттæ!













