Хæстон зарджытæ схонæн ис раст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты музыкалон хроникæ. Уыдон хъуыстысты тохы быдыры фыццаг бонæй фæстаг бонмæ.
Фӕстаг рӕстӕг арӕх фехъусӕн ис хӕстон зарджытӕ алы ӕвзӕгтыл, уӕлдай ӕхсызгондзинад хӕссынц уыдон нӕ мадӕлон ӕвзагыл. Иуӕй ирон адӕмӕн сӕ бон у иухатт дӕр ма историимӕ бастдзинад равдисын ӕмӕ фыдӕлтӕн номарӕн кад кӕнын, иннӕмӕй та стыр ӕххуыс у мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъӕнынӕн.
















