Нӕ равдысты уазӕг РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг, зарӕггӕнгӕг Сохъуырты Валерий йӕ цард раджы сбаста аивадимӕ, ӕнӕсайд ын лӕггад кӕны абоны онг дӕр.
Сохъуыры фырт абон цӕры ӕмӕ кусы Джызӕлы. Аст ӕмӕ ссӕдз азы кусы сывӕллӕттимӕ, ахуыр сӕ кӕны зарыныл, бацӕттӕ сӕ кӕны алыхуызон конкурстӕ ӕмӕ фестивальтӕм.
















