Сабидуг! Уый у æппæты амондджындæр, æнæмæтдæр заман алы адӕймаджы царды. Уыцы азты хъармдзинад лӕгӕн йемæ æмдзу фæкæны алы рæстæг дæр.
Æнæниз æмæ хъæлдзæг сабийæ хуыздæр ницы ис. Арфæйы ныхæстæ нӕ зæгъын фæнды абон, сывæллæтты æнæниздзинадмæ, хъомыладмæ, ахуырадмæ, Иры фидӕнмӕ бар чи дары, уыцы адӕмӕн!
Арфæ кæнӕм Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны фæдыл уе ппӕтӕн дӕр ӕмӕ уӕ тынг ӕхсызгонӕй хонӕм нӕ равдыстмӕ!