Сæрды зайæгойтæ фæхъæуы судзгæ хурæй хъахъхъæнын, зымæг та — уазæлттæй. Фæлæ хъæд сног кæныныл куыст фæцæуы æнæ рлæугæйæ. Нæ республикæйы хъæды хæдзарадтæ ацы аз бæлæсты талатæ фервæзын кодтой тæвдæй. Тулдз, тæгæр, сусхъæд æмæ кæрз бæлæсты талатæ æрзайын кодтой Черниговы районæн. Ацы фæззæг талатæ хъуамæ аласой Запорожскийы облæстмæ æмæ сæ уым ныссадзой. Цы нысан ис ацы хъуыддагæн, цавæр мадзæлттæ арæзт фæцæуынц æмткæй хъæд сырæзын кæнынæн æмæ йæ бахъахъхъæнынæн. Уыдæттыл ныхас кæнæм «Йæ рæстæгыл».
Хохы Фыййагдоны азæлдзысты зарджытæ ныфс, уырнынад æмæ уарзондзинадыл. Чырыстон музыкæйы æппæтдунеон фыццаг фестиваль сараздзысты хæхбæсты. Алайнаг моладзандонмæ ссæудзысты Уæрæсейы, Хуссар Ирыстоны, Белорусси æмæ Сербийы сфæлдыстадон къордтæ. Уый ныхасæн. Фæлæ мах та нæ студийы фылдæр дзурæм ирон дины зарджыты хицæндзинадыл æмæ сæ равзæрдыл.
















