Ирон адæммæ æфсæддон кæддæриддæр кадджын уыд. Алы заманты не мбæстæгты хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад бирæтæ фæзминагыл нымадтой. Уæдæ нæ хъайтарты нæмттæ дæр æгас дунейыл айхъуыстысты.
Искуы æфсæддонтимæ амбæлгæйæ та, мæхи арæх ахæм хъуыдыйыл ацахсын — цалынмæ нæ фарсмæ сты, уæдмæ нæ бон у æдыхст уæвын. Ацы адæм равзæрстой иннæты æмæ дунейы сабырдзинад хъахъхъæныны хæс. Фæлæ зын у æви нæ? Сæ сусæг сагъæстæ цавæр сты, уый та мæм цымыдисаг кæсы. Нæ уазæг у ахæм æфсæддонтæй иу — Фриаты Хъазыбег.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Цы сусæг кæныс
- Выпуск от 27.02.2021
Къусраты Анатолий
27.02.2021 22:25
Цы сусæг кæныс
Выпуск от 27.02.2021
Цымæ нæ абоны уазæг куы райгуырд, уæд ын хистæртæ куыд куывдтой æмæ цы ракурдтой? Цымыдисаг у хуымæтæг лæппуйы цардвæндаг. Æнхъæл уыд æмæ профессор суыдзæн æмæ наукон кусджытæн разамынд дæтдзæн? Йæ хъомылгæнинæгтæ алы бæстæты кæй кусдзысты, йæ зонадон куыстытæ та агас дунейыл кæй апарахат уыдзысты?
Зонындзинæдтæм фæндаг та райдыдта уарзондзинадæй. Математикæмæ… Фæлæ ма уымæй уæлдай нæ уазæг цы уарзы, аргъ цæмæн кæны, зынаргъ ын цы у, цæмæ бæллы? Уый абон базондзыстæм.
Нæ уазæг та у хъуыстгонд ахуыргонд æмæ хорз адæймаг Къусраты Анатолий.
Другие выпуски
