Май бӕрӕгбӕттӕй ӕххӕст мӕй у. Нӕ «Саутӕ, буртӕ, мыдхуызтӕн» уый ӕфсон фӕци ӕмӕ дзы цалдӕр ӕрхъуыды кодтой.
Сӕ кадджындӕрмӕ, 9 Маймӕ, Уӕлахизы 80 азы бонмӕ уӕлдай ӕргом аздӕхтой.
Нӕ хистӕртӕ ӕгас дунейӕн цы ӕнӕмаст цард балӕвар кодтой, уымӕн рохгӕнӕн нӕй. Стӕй хъуамӕ афтӕ мачи зӕгъа, ӕмӕ нӕ амонджытӕ ӕрмӕстдӕр хъазын-худыныл сты.
















