Æппæт Иры кæмтты `хсæн хицæн бынат ахсы Хуры ком — Цъæйы ком. Хуыдтой ма йæ Ивард Реком дæр, уымæн æмæ комæн йе `мбис нымад у табуйаг зæххыл. Рагон замантæй фæстæмæ нæ фыдæлтæ сæ арф мидисджын кувыны æгъдæуттæ кæм æххæст кодтой, ахæм. Нарты кадджытæм гæсгæ дзы, Хуыцауы цæссыгæй равзæрд Рекомы кадджын дзуар. Рагон замантæй абоны онг Цъæйы комæй рацæугæ мыггæгтæ кад кæнынц сæ иннæ рухс дзуæрттæн дæр.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Фыдæлты уæзæгмæ
- Выпуск от 04.12.2020
Уæларвон хо Гуырмехан
04.12.2020 21:15
Фыдæлты уæзæгмæ
Выпуск от 04.12.2020
Бирæ цымыдисаг хабæрттæн уыдысты æвдисæн Ирыстоны хæхбæстæ.
Цалдæр æнусы размæ иу æмбисонды цау æрцыди Дыгургомы, Махческы хъæуы. Уæд зæдтæ райстой сæхимæ, уæлæрвтæм, уæздан зæххон чызг – Гуырмеханы. Уæдæй абонмæ уый йæ арм дары йæ комбæстыл æмæ уæдæй абонмæ адæм цæуынц йæ кувæндонмæ, сæхи сæ уæларвон хойыл бафæдзæхсынмæ.
Другие выпуски

Дата